-Цитата от Ballerro заверни шо нибудь по нашему, по родному?
Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн
Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй,
Арвы бын калы фæрдыгау тæмæн
Ирыстон йæ адæмты фарнæй.
Заманты тарæй æрттивы зынгау
Дæ уидаг, нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн.
Барвæс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау,
Уастырджи, рафæлгæс, Табу Дæхицæн.
Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс,
Амондæй абузæд ронгау дæ цард.
Амонд мысайнагау фидæнмæ хæсс,
Дæ кæстæр дын басгуыхæд кард æмæ уарт.
Фæлтæрæй фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн,
Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт.
Хистæры намыс, кæстæры æхсар
Хурау дын царды цырагъдарæг уæнт!
Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс,
Фарнимæ абузæд ронгау дæ цард.
Амонд мысайнагау фидæнмæ хæсс,
Уастырджи, рафæлгæс, Табу Дæхицæн.